Рынчыны цур
А.: — Хуысгæ куы кæныс?
Æ.: — Фæрынчын дæн.
А.: — Цы кодтай? Цы дæ риссы?
Æ.: — Мæ сæр риссы, стæй хуыфын.
А.: — Тæвд дæм ис?
Æ.: — Нæ, тæвд мæм бирæ нæй, фæлæ мæ сæр зилы.
А.: — Дохтырмæ дын фæдзурон?
Æ.: — Нæ хъæуы. Уый бæсты мын аптекæйæ хостæ æрбахæсс.
А.: — Хæстæгдæр аптекæ кæм ис?
Æ.: — Уынгмæ куы рацæуай, уæд фæндаджы сæрты ахиз, стæй галиуырдæм фæзил.
А.: — Хостæ дын æрбахастон: мæнæ уый у сæрнизы хос, иннæ та хуыфæджы хос.
Æ.: — Куыд сæ нуазын хъæуы?
А.: — Бон æртæ хатты иугай таблеткæтæ.
Æ.: -Дæ хорзæхæй, дон дæр мын рахæсс.
А.: — Мæнæ дын дон.
Æ.: — Хуыцау дын раарфæ кæнæд.