Фарон уалдзæг, горæты
Хъазтизæр нæ бафтыдтæн.
Сау рæссугъд чызг демæ дзы
Къахфындзтыл фæкафыттæн
Уарзон дын ис, о мæ бон
Умæй дæ нæ бафарстон
Афтæмæй дæ иу фендæй
Судзгæ уарзтæй бауарзтон.
Зон, зон, чызгай, зон
Зарын дæуæн чызгай зон
Зон, зон, чызгай, зон
Зарын дæуæн чызгай зон
Иу чызгмæ дæр нал худын
Иу чызгмæ дæр нал дзурын
Хæхты, хъæуты, горæты
Ныр æрмæст дæу агурын
Æз мæ хуыздæр зарджытæй
Зон, дæ номыл зардзынæн
Хохы бын куы бамбæхсай
Ум дæр дæ 'ссардзынæн
Зон, зон, чызгай, зон
Зарын дæуæн чызгай зон
Зон, зон, чызгай, зон
Зарын дæуæн чызгай зон