Ды рауарзтай мæн,
Æз рауарзтон цард,
Мæ цуры и маст мæнæн.
Дæ уазал хæрзбон -
Мæ уарзтæн тæрхон,
Нæ йæ зонын æз - цæмæн.
Кæм агурон дæ уарзты бонтæ?
Хъуыды кæнын æхсæвæй-бонæй
Æрмæстдæр дæуыл!
Базард:
Никуы ничи,
Дæу никуы ничи баивдзæн мæнæн -
Æнæ дæу нæу мæ бон.
Искуы исчи
Мæн нæ уыдзæни тынг зынаргъ, фæлæ
Æнæ дæу нæу мæ бон.
Никуы ничи
Нæ мæ фæнды, фæлæ цы 'мбæхсон -
Æнæ дæу нæу мæ бон.
Нæ рауарзтон æз,
Æз бамбæрстон уый,
Куы нæ уал уыдтон æз дæу.
Дæ цæстыты уарзт
Нæ фесафдзæн æз,
Æнæ дæу мын нæй цæрæн.
Кæм агурон дæ уарзты бонтæ?
Мæ разы дæ æхсæвæй-бонæй,
Мæ зæрдæ у дæу!
Базард. (2 хатты)