Мæ сæфт хуры хай
Мæ сæфт хуры хай, сау рæсугъд чызгай, ой
Мæ хъис фæндырæй дæуæн куы зарын, ой
☺ Дæ фæлмæн зæрдæ, дæ мидбыл бахудт,ой
Мæн дæр куы тавынц, нанайы рæсугъд, ой. ☺ (2 хатты)
Дæ сау дзыккутæ, дæ сау æрфгуытæ, ой
Æппынæдзух дæр мæ цæстыл уайынц, ой
☺ Дæ фæлмæн ныхас, дæ аив бакаст, ой
Мæ зæрдæйы ис, сау рæсугъд чызгай, ой. ☺ (2 хатты)
Мæ сæфт хуры хай, сау рæсугъд чызгай, ой
Мæ хъис фæндырæй дæуæн куы зарын, ой
☺ Дæумæ бæлгæйæ, дæумæ кæсгæйæ, ой
Мæ сусæг уарзтæй æдзух куы тайын, ой. ☺ (2 хатты)