Кæддæр æз уæлæрвты кæй агуырдтон,
Сæрдыгон рæсугъд бон кæй базыдтон,
{Уый зæххыл ме стъалы куы разынди,
Мæ цард мæ æнæ уый уæд нал хъуыди.} x2
Сылгоймаг амондджын цæмæй вæййы?
– Арвы дуар куы байгом уа зæрдæйы.
{Сызгъæрин базыртыл – нæ фæндæттæ,
Зæлдагхуыз цъæх нæууыл – нæ фæндæгтæ.} x2
Дидинæг бæлæстæн сæ рæсугъддæр,
мадджын хæрзфынты кæмæ худтæн,
{Уый царды ды уыдтæ, дæумæ дзырдтон, Уæлæрвтæй цæстырухс дæуæн куырдтон.} x2
Хæрзгæнæг1 дзуар æви зин уыди?
Фæлæ ма уый æнхъæл чи уыди.
Искуы ма иумæ мах кафдзыстæм,
Адæмыл циндзинад уардзыстæм.} x2
Рацагъд.
на хæхтæн сæ фидауц – сæ бæлæстæ,
Ирон фæндырæн та – йæ хъæлæстæ.
{Не ’фсæдынц хуримæ хъазынæй,
Арвы бын ацы зæхх уарзынæй.} x2
Чи кæны фæндонхорз уынаффæтæ,
Уыдоныл сæмбæлæнт нæ арфæтæ.
{Амонд уæм æрцæуæд фарнимæ,
Зæрдæйы рухс æмæ хъармимæ.}