рог дымгæ фæхæссы зарæгæн йæ залтæ
дзуры дын дæ хъусы сусæгæй цыдæртæ
уазал дымгæ риуы дæ дзыккутæй хъазы
зæрдæ та мæ риуы судзгæ уарзтæй ризы
базард:
дымы дымы дымы уазал дымгæ дымы
мæ зæрдæмæ чызгай цæуыс æрмæстдæр ды
кæдмæ кæдмæ кæдмæ кæдмæ кæсон дæумæ
райхал мын о рæсугъд дæ зæрдæйы фæндтæ
терк рттивгæ хъазгæ згъоры дардæй-дарддæр
афтæ згъорынц азтæ афтæ згъорынц арттæ
абон та дæ уарзтæй риуæй алыгъд сагъæс
о мæ сусæг катай иу хатт ма мæм ракæс
базард:
дымы дымы дымы уазал дымгæ дымы
мæ зæрдæмæ чызгай цæуыс æрмæстдæр ды
кæдмæ кæдмæ кæдмæ кæдмæ кæсон дæумæ
райхал мын о рæсугъд дæ зæрдæйы фæндтæ