Уары мит мæ кæрты, уары,
Уазал дымгæ уæнгты хъары.
Зæрдæ сусæг уарзтыл зары,
Удхæрæй йæхи фæмары.
Базард:
Басыгътай чызгæй мæ зæрдæ.
Ды мæнæй фæлыгътæ дардмæ.
Æз дæумæ кæсын æнхъæлмæ.
Цæй, фæзын, фæзын мæ зардмæ. [x2]
Рæстæг ивгæ-ивгæ уайы,
Цæстытыл мæ ивгъуыд уайы.
Хъарм цæссыгæй мит фæтайы,
Зæрдæмæ дæ уарзтæй 'руайы.
Базард:
Басыгътай чызгæй мæ зæрдæ.
Ды мæнæй фæлыгътæ дардмæ.
Æз дæумæ кæсын æнхъæлмæ.
Цæй, фæзын, фæзын мæ зардмæ. [x2]
Уары мит мæ кæрты, уары,
Уазал дымгæ уæнгты хъары.
Зæрдæ сусæг уарзтыл зары,
Удхæрæй йæхи фæмары.
Базард:
Басыгътай чызгæй мæ зæрдæ.
Ды мæнæй фæлыгътæ дардмæ.
Æз дæумæ кæсын æнхъæлмæ.
Цæй, фæзын, фæзын мæ зардмæ. [x2]